АИШ-æ, Тбилисы педиатрион гематологион-онкологион центры бындур æрывæрынæн рауæлдай кодта 700 мин доллары
Америкæйы Иугонд Штаттæ, Тбилисы педиатрион гематологион-онкологион центры бындур æрывæрынæн рауæлдай кодта 700 мин доллары. Уый фæдыл АИШ-ы минæварады фидиуæны мидæг дзырдæуы.
«Сывæллæттæ ма хъуамæ фæрынчын уой, фæлæ хъыгагæн, хаттæй хатт афтæ вæййы. Уый тыххæй, цæмæй баххуыс кæнæм Гуырдзыстонæн, уа йæм бæрзонд æмвæзады центр, ракæй рынчынтæн æххæстаргъджынæй схоскæнынæн, Америкæйы хицауад «Глобал Хилингы» æмæ «Джо Эны» медицинон центрæн, 700 000 доллар адæтта, кæцы Тбилисы, ног педиатрион гематологион-онкологион центры бындур æрывæрынæн бахардз уыдзæн», – банысангонд у фидиуæны.
ბავშვები ავად არ უნდა ხდებოდნენ, მაგრამ, სამწუხაროდ, ზოგჯერ ასეც ხდება.იმისათვის, რომ დავეხმაროთ საქართველოს ჰქონდეს…
Posted by US Embassy Tbilisi, Georgia on ოთხშაბათი, 18 სექტემბერი, 2019