Афæдзы кæронмæ Тбилисы змæлæг а.х. бур микроавтобустæ æххæстæй ивд æрцæудзысты
Афæдзы кæронмæ Тбилисы уæвæг микроавтобусты парк æнæхъæнæй ранæуæг уыдзæн – уый фæдыл сæйраг горæты мер Каха Каладзе Тбилисы муниципалитеты хицауады абоны рабадтыл фехъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæйæ, транспортон политикæмæ гæсгæ, сæйраг горæты æрмæст 1000 ног микроавтобус змæлдзæн, иннæ маршруттыл та 8 метры дæргъæн автобустæ кусдзысты.
Тбилисы меры дзырдæй, зæгъгæ транспортон политикæйы фæлгæтты, сæйраг горæты а.х. бургъуыз автобусты фæивыны процесс цæуы.
«Транспортон политикæ бирæ компонентæй у. Алкæмæй сæйраг у уæвæг паркы ранæуæг кæнын æмæ зæронд автобусты æххæстæй раивын. Ацы процесс ныридæгæн цæуы. Автобустæ æлхæд сты æмæ сæм æнхъæлмæ кæсæм. Уæлæмхасæй нæ фæнды æрласæм 180 иуæг 8 метры дæргъæн, æмæ 200 иуæг 18 метры дæргъæн автобустæ», – банысан кодта Каха Каладзе.