Парти «Æмбæстæгты» лидер, Алеко Элисашвилийы дзырдæй, зæгъгæ æвзарæнон реформæтимæ баст кусæг корды нысан у, бæстæйы ахæм æвзæрстытæ ауадзын, кæцыйы адæм баууæнддзæн.
«Ивддзинæдтæ кæсын райдайын хъæуы фыццаг марты онг. Уыдоны фæрцы нын хъуамæ уа æууæнкджын æвзæрстытæ æмæ уый уыдзæн иуæй-иу сегасдæр нысаниуæгджын æнтыст æмæ размæ арызт къахдзæф. Æвзæрстытæ намысджынæй куы ацæуа, уый нысан кæндзæн, цæмæй бæстæ хуыздæр суыдзæн æмæ хицауад раивын нæ бон уыдзæн афтæ, цæмæй дыккаг бон мауал уа фæфæлдæхтытæ, революцитæ, уынджы акцитæ. Ацы закъонопроект афтæ куы райсæм меморандумы куыд у, уый автоматонæй нысан кæны, цæмæй Тамар Жваниа нал уыдзæн ЦÆК-ы сæрдар», – банысан кодта Элисашвили.
Æвзæрстгæнæн реформæимæ баст кусæн къорды фыццаг фембæлд ацы минутты цæуы.
Къорд æвзарæнон реформæйы æрцæттæйы нысанæн кусдзæн. Кусæг къорды къухдариуæггæнджытæ сты Шалва Папуашвили æмæ Леван Иоселиани.
Къорды бакуыст реформæ æнцойæвæрд у уыцы меомрандумыл, кæцы æвæрд æрцыд «Гуырдзиаг Бæллицц» æмæ парти «Æмбæстæгты» æхсæн. Ацы документмæ гæсгæйæ, æвзарæнон реформæ фундаментонæй ауадзын хъæуы. Уый нымæцы ивд хъуамæ æрцæуа ЦÆК-ы комплекткæныны уаг, ног уагæй æвзæрст æрцæудзæн ЦÆК-ы сæрдар, афтæма хъæдæскæныны системæ уыдзæн электронон.