Æвзæр боныхъæды тыххæй автомагистралты хицæн хæйттыл арæнæвæрдтæ æвæрд æрцыдысты
Æвзæр боныхъæды тыххæй автомагистралты хицæн хæйттыл арæнæвæрдтæ æвæрд æрцыдысты

Тыхджын митуарды тыххæй, Борджоми-Бакуриани-Ахалкалакы автомагистралыл мидæггагон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы хайыл, км 31-км 63 (Андезити-Гъадо) алы хуызы хæдтулгæты змæлд тобæгонд у. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны фæндæгты департамент парахат кæны.

Сæ хъусынгæнинæгтæм гæсгæ, трассæйы иннæ фадгуыты змæлд у сæрибар.

«Итуарды тыххæй, Зугдиди-Джвари-Местиа-Ласдилы мидæггагон паддзахадон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм хайыл, км 185-км 192  км 141 хайыл тобæгонд у алы хуызы автотранспорты змæлд -км 184 (Местиа-Ушгули), прицептимæ æмæ æрдæгприцептимæ автотранспорты змæлд тобæгонд у.  Хæдтулгæты иннæ хуызты змæлд у сæрибар.

Ихы тыххæй, мидæггагон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм автомагистрал Кутаиси -Ткибули-Амбролаурийы хайыл, км 39-км 62 (Накералайы ахизæн), Сачхере -Узунта-Схмери-Зудали фæндагыл, æмæ Автомагистраль Гоми-Сачхере-Чиатура-Зестафони км 1-км 52 (Гоми -Саване) прицептимæ æмæ æрдæгприцептимæ автотранспортон фæрæзты змæлд тобæгонд у, автотранспортон фæрæзты æндæр хуызты змæлд та сæрибар у», – хъусын кæны департаменты .