Æвдисæн- загътой мын ныффыстаин цæмæй Робакидзе æмæ йæ æмгрæтты æрдæм патруль дзуаппон æхст бакодта
Æвдисæн- загътой мын ныффыстаин цæмæй Робакидзе æмæ йæ æмгрæтты æрдæм патруль дзуаппон æхст бакодта

Бута Робакидзейы  хъуыддагыл    патрулы  раздæры кусæг  Давит Абуашвилийы æрфарстой.

Тæрхоны рабадтыл  Давит Абуашвили, Бута Робакидзейы автомобилы  бауромыны  факт æрымысыд.

«1-ы  кæнæ 2-ы æрдæгыл  ауыдтон  автомобил,  баурæдтам  æй  Цъеретилийыл аргъуаны цур,  рахызтæн   æмæ сæ  документтæ ркуырдтон.  Автомобилы фæдыл нæм уыдис информаци, цæмæй   гоймагы  фæнадтой, бацыдтæн сæм æмæ мæм  документтæ радæтта, загъта мын  ницы дам разнаггад кодтам  æмæ дам мæ цæмæн баурæдтат.  Ацы рæстæджы  ме æмкусæг  дæр рахызт æмæ  ауыдта цæмæй  бирæтæ  уыдысты,  райдыдта  хъæрæй  ныхас, стæй виппайды фегом ис  машинæйы дуар  тæрæгы фарсæй æмæ   мæ хъустыл ауад  æфсæйнаг ææфсæйнагыл  куы сæмбæлы ахæм  зæл.  Фæдзырдтон æххуысмæ,  центрмæ.  Автомобилы   бадæг  æхсæздæр  адæймаг уыдысты  тынггонд, бацыдтæн дуармæ хæстæг, рахизын кодтон  гоймагы æмæ йæ   зæххыл  схуыссын кодтон,   уæд фехъуыстон сиренæйы  хъæр.   Цъус рæстæгмæ  айхъыст æхсты  гуыпп, куы бафарстон чи фехста зæгъгæ,  бæлвырдæй дам нæ  зонын. Æхсты  гуыпп  фæстийæ  фæцыд.  Стæй та  фехъустон куыд  æрхаудта  чидæр» –  расидтис ДавитАбуашвили.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   бынатыл уыдис  йæ хистæр, Маизер Липартелиани дæр.

«Æз  стрессы уыдтæн  æмæ  автомобилы абадтæн,  уыцы  гоймагы ауыдтон  йæ  туг калдис афтæмæй.  Ницы  æхсæнгарз, кæнæ хæцæн æрмæг   не  федтон. Мæ фарсмæ абадт   урс сæр  нæлгоймаг  æмæ мын загъта, цæмæй дам адонмæ уыдис æхсæнгарз, загъта мын ды дам патруль дæр æмæ дам дын  бинонтæ ис.  Чи уыд уыцы уæнг,  нæ зонын, фæтарстæн уымæн æмæ уыд уыдис Донадзе дæр. Бамбæрстон  цæмæй  цыдæр æрцыд.  Автомобилæй рахизыны  фæстæ,  федтон æхсæнгæрзтæ  дæр.  Хæцæнгарз  багажы  бынатыл дæр уыд æмæ   машинæйы раз дæр.  Стæй та фæстæмæ сбадтæн автомбилы,  афтæдæр сбадтысты ме мкусæг æмæ Маизер Липартелиани , уый та мын загъта цæмæй  хъуамæ ныффыссон  рапорт, цæмæй не æрдæм æхст райдыдта  Башалеишвили, загъта мын цæмæй дам Зура Микадзе дæр  зоны уый тыххæй» – расидтис Абуашвили.