Æвдисæн- загътой мын ныффыстаин цæмæй Робакидзе æмæ йæ æмгрæтты æрдæм патруль дзуаппон æхст бакодта
Бута Робакидзейы хъуыддагыл патрулы раздæры кусæг Давит Абуашвилийы æрфарстой.
Тæрхоны рабадтыл Давит Абуашвили, Бута Робакидзейы автомобилы бауромыны факт æрымысыд.
«1-ы кæнæ 2-ы æрдæгыл ауыдтон автомобил, баурæдтам æй Цъеретилийыл аргъуаны цур, рахызтæн æмæ сæ документтæ ркуырдтон. Автомобилы фæдыл нæм уыдис информаци, цæмæй гоймагы фæнадтой, бацыдтæн сæм æмæ мæм документтæ радæтта, загъта мын ницы дам разнаггад кодтам æмæ дам мæ цæмæн баурæдтат. Ацы рæстæджы ме æмкусæг дæр рахызт æмæ ауыдта цæмæй бирæтæ уыдысты, райдыдта хъæрæй ныхас, стæй виппайды фегом ис машинæйы дуар тæрæгы фарсæй æмæ мæ хъустыл ауад æфсæйнаг ææфсæйнагыл куы сæмбæлы ахæм зæл. Фæдзырдтон æххуысмæ, центрмæ. Автомобилы бадæг æхсæздæр адæймаг уыдысты тынггонд, бацыдтæн дуармæ хæстæг, рахизын кодтон гоймагы æмæ йæ зæххыл схуыссын кодтон, уæд фехъуыстон сиренæйы хъæр. Цъус рæстæгмæ айхъыст æхсты гуыпп, куы бафарстон чи фехста зæгъгæ, бæлвырдæй дам нæ зонын. Æхсты гуыпп фæстийæ фæцыд. Стæй та фехъустон куыд æрхаудта чидæр» – расидтис ДавитАбуашвили.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, бынатыл уыдис йæ хистæр, Маизер Липартелиани дæр.
«Æз стрессы уыдтæн æмæ автомобилы абадтæн, уыцы гоймагы ауыдтон йæ туг калдис афтæмæй. Ницы æхсæнгарз, кæнæ хæцæн æрмæг не федтон. Мæ фарсмæ абадт урс сæр нæлгоймаг æмæ мын загъта, цæмæй дам адонмæ уыдис æхсæнгарз, загъта мын ды дам патруль дæр æмæ дам дын бинонтæ ис. Чи уыд уыцы уæнг, нæ зонын, фæтарстæн уымæн æмæ уыд уыдис Донадзе дæр. Бамбæрстон цæмæй цыдæр æрцыд. Автомобилæй рахизыны фæстæ, федтон æхсæнгæрзтæ дæр. Хæцæнгарз багажы бынатыл дæр уыд æмæ машинæйы раз дæр. Стæй та фæстæмæ сбадтæн автомбилы, афтæдæр сбадтысты ме мкусæг æмæ Маизер Липартелиани , уый та мын загъта цæмæй хъуамæ ныффыссон рапорт, цæмæй не æрдæм æхст райдыдта Башалеишвили, загъта мын цæмæй дам Зура Микадзе дæр зоны уый тыххæй» – расидтис Абуашвили.