Æссады амалуæгдæртты ассоциаци -  фыццаг   декабрæй  Уæрæсейы Федерацийæ  хъæбæр хуызы мæнæуы экспорты тобæ, гуырдзиаг базарыл æндæвдад не скæндзæн
Æссады амалуæгдæртты ассоциаци - фыццаг декабрæй Уæрæсейы Федерацийæ хъæбæр хуызы мæнæуы экспорты тобæ, гуырдзиаг базарыл æндæвдад не скæндзæн

Фыццаг декабрæй  Уæрæсейы Федерацийæ хъæбæр мæнæуы  экспорт тобæ кæны.  Уæрæсейы  хъæбæр мæнæуы  экспорты тобæ Гуырдзыстонмæ мæнæу æрласыныл æндæвдад не скæндзæн, уымæн æмæ  бæстæ  Уæрæсейæ фæлмæн  категорийы  мæнæу æлхæны – уый фæдыл æссады амалгæнджыты  ассоциацийы райхъусын кодтой.

Æссад амалгæнджыты  ассоциацийы  куыд æмбарын кæнынц, тобæ не ххæссы   фæлмæн  категорийы мæнæумæ, кæцыйæ  дзулфыцæг  инфдустрийы  пайда кæнынц æмæ Гуырдзыстонмæ  цæуы йæ импорт.

«Ахæлиугонд информаци уый фæдыл, ома 2023  ащы  фыццаг декабрæй  Уæрæсейы Федерацийæ  тобæ кæныхъæбæр  хуызы  мæнæуы экспорт, бæрæг  æнæмбарындзинад æмæ ажиотаж расайдта» –  хъусын кæнынц  ассоциацийы.

Уыимæ, ассоциацийы  куыд  æмбарын кæнынц афтæмæй,   уагæвæрды проект  æххæсы æрмæст  хъæбæр  хуызуы мæнæуы экспорты  тобæмæ, кæцыйæ пайда кæнынц  макароны кондады.

«Тобæ не ххæссы фæлмæн  категорийы  мæнæумæ, кæцыйæ пайда кæнынц   дзулы индустрийы  æмæ кæцы æрласынц  Гуырдзыстонмæ. Ардгæ йрацæугæйæ,  ницы  æндæвдад уымæн Гуырдзыстоны базарыл нæ уыдзæн.  Фæнды нæ   райхалæм, цæмæй Гуырдзыстоны абон  ис  дыууæ мæййæ  фылдæр  мæнæуы  фæстауæрц, æмæ импорт  дæр бынæттон мæнæуы   реализаци  æссадкомбинатты цæуы æнæкуылымпыйæ, уымæ æмбæлгæйæ, ацы æрдгæй   æххæстæй хъахъхъæд  хæлцадон æдасдзинад» – хъусын кæнынц  ассоциацийы.