Æртæиуоны кафедралон аргъуаны æххæстгонд æрцыд Иесо Чырыстийы Дзуарæй раргъæвды ритуал [Фото]
Дзуарæй раргъæвды традицион ритуал Сыгъдæг Æртæиуоны кафедралон аргъуаны æххæстгонд æрцыд. Ритуал символикон æгъдауæй æвдисы дзуарæй Иесо Чырыстийы раргъæвд æмæ бавæрд, стæй та йыл кæуын.
Ритуал абон иерархтимæ иумæ Патриархон паддзахбадæны хъахъхъæнæг , æмæ Чхороцхъу Сенакийы митрополит Шио (Муджири) сæххæст кодтой.
Абон у Сыгъдæг Майрæмбон, Сыгъдæг къуырийы уæззаудæр бон. Рæстдинон аргъуан мысы Йесо Чырыстийы дзуарыл бафтауыны, дзуарæй йæ сисын æмæ йæ баныгæнын.
Сыгъдæг майрæмбоны аргъуанты литурги нæ кæнынц, уымæн æмæ, Евангелимæ гæсгæ, Хицау йæхи нывондæн æрхаста адæмы сæ тæригъæдтæй фервæзын кæныны тыххæй. Куывды рæстæджы фæвæййы паддзахы сахат, кæцыйы рæстæджы кæсынц Евангели Хицауы хъизæмæртты тыххæй.
Уырнæг адæм ацы бон æйчытæ сырхæй сахорынц æмæ фыцынц Куадзæны паскæтæ, уымæн æмæ, Евангелимæ гæсгæ, Йесо Чырыстийы дзуарыл байтыгътой дзуттаг адæмы Пасекы бæрæгбоны.




