Æрдзы националон агентад - зымæджы сезоны Гуырдзыстоны фылдæр регионты хъызт æнхъæлмæкæсинаг нæу
Æрдзы националон агентад, хуссар-скæсæн Европæйы регионы климатон прогнозы (SEECOF-18) æмæ Зæххастæу денджызы климатон прогнозы (MedCOF) форумты хайадисæг европæйаг экспертты хатдзæгы фæдыл, публикаци кæны информацийы.
Æрдзы националон агентады хъусинагæй, Гуырдзыстоны зымæджы астæуккаг температурæ, сезоны фыццаг æрддæджы нормæйæ иу градусæй хъармдæр уыдзæн, æрмæст дыккаг æрдæджы та, нормæйы фæлгæтты у æнхъæлмæкæсинаг.
Зымæджы сезоны астæуккаг температурæйы нормæ Ныгуылæн Гуырдзыстоны ныллæг зонæты уыдзæн +5.7, хозы +0.2, бæрзонд хозы та -4.4, æрмæст Скæсæн Гуырдзыстоны та, ныллæг зонæты +1.5, хохы -1.4, бæрзонд хохы та -5.5 градус.
Уагдоны хъусинагæй, сезоны хицæн бонты, уæлдæфы температурæ гæнæн ис нысаниуæгджынæй ахиза нормæйæ, кæцыйы прогнозир кæнын æрмæстдæр цалдæр бон раздæр ис гæнæн.