Æрдзы  националон агентад – 3-æм февралæй 4-æм февралы райсоммæ ныгуылæн Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг у къæвда, мит, бæстæйы фылдæр рæтты тыхджын дымгæ, бæрзонд хæххон бынæтты ихуард æмæ зæйы тæссагдзинад

Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг боныхъæды фæдыл информаци æрдзы  националон агентад парахат кæны.

Уагдоны информацийæ, 3-æм февралæй 4-æм февралы райсоммæ ныгуылæн Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг у къæвдатæ, мит.  Денджызыл та гæнæн ис 3-4 баллы онг шторм. Тыхджын ныгуылæйнаг дымгæтæ дымынц бæстæйы фылдæр хайыл.

Æрдзы  националон агентады информацийæ, бæрзонд хæххон регионты æнхъæлмæкæсинаг у митуард, иуæй-иу рæтты тыхджын  æмæ зæйы тæссагдзинад.