Æрдзы хъахъхъæнæг департамент «Чъиакоконобайы» тыххæй цæрджытæн рагфæдзæхст дæтты
Æрдзы хъахъхъæнæг департамент «Чъиакоконобайы» тыххæй цæрджытæн рагфæдзæхст дæтты. Уагдоны хъусын кæнынц, цæмæй баззайæггæгты фæткдар кодексмæ æмбæлгæйæ, цыфæнды типы баззайæггæгты гомæй басудзын тобæгонд у æмæ иваргонд цæуы.
«Куадзæн Рухс бæрæгбоны разаг æртыццæджы традицион ритуал – «Чъиакоконоба» цæуы уагъд. Æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрады æрдзхъахъхъæнæн цæстдарынады департамент цæрджыты фæдзæхсы цæмæй баззайæггæгты фæткдар кодексмæ æмбæлгæйæ, цыфæнды типы баззайæгæгты (уый нымæцы цæлхыты, пластикæй æрмæгы, сфтæрты) гомæй басудзын тобæгонд у.
Фæнысангон баззайæггæгты басыгъды рæстæджы, рацæуы æрдзæн æмæ адæймæгтæн знаггадгæнæг тæссаг токсикон кнцерогенон буарадтæ æмæ газтæ. Тæссаг сты цæрджыты, сæрмагондæй та сывæллæтты æнæниздзинадæн, кæцытæ активон хайад исынц традицион ритуалы.
Æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрады æрдзхъаххъæнæн цæстдарды департамент, алы барасæттæгы ныхмæ закъондæттынадæй бæрæг мадзæлттæ райсдзæн, кæцы 200-йæ 500 ларийы онг ивар дары йæ хъуыдыйы»- хъусын кæнынц æрдзы хъахъхъæды департаменты.