Æнхъæлмæкæсинаг у, цæмæй бортыл чи уыд, уыдон иууылдæр амардысты хæдтæхæджы катастрофæйы Индийы горæт Ахмедабады, фехъусын кодтой бынæттон пъæлицæйы
Бынæттон пъæлицæйы информацийæ, бортыл уæвæг адæймæгтæ иууылдæр Индийы горæт Ахмедабады хæдтæхæджы катастрофæйы фæмард сты.
Раздæр хъусинæгтæ уыд æппынкъаддæр 100 мæлæты тыххæй.
Индийы ныгуылæны горæты аэропортæй атахтæй цалдæр минуты фæстæ, Air India-йы хæдтæхæг, кæцыйыл уыд 242 адæймаг, æрхаудта цæрæн районмæ.
Хæдтæхæг тахт Лондоны Гатвикы аэропортмæ. Хæдтæхæг цы бæстыхаймæ бахауд, уый у дохтырты фысымуат. Зианбаййафджыты æхсæн сты медицинон колледжы студенттæ, кæцытæ æрбынат кодтой фысымуаты. Бынатыл агурæн-ирвæзынгæнæн операци цæуы.
Хæдтæхæджы бæлццæтты нымæцы уыдысты 217 хистæр æмæ 13 сывæллоны, се æхсæн дыууæ гыццыл сывæллоны. Авиакомпанийы информацийæ, бортыл уыд 169 индиаг æмæ 53 бритайнаг æмбæстаг. Афтæ дæр бæлццæтты æхсæн уыд иу канадæйаг æмæ авд португайлаг.
Æрхаугæ хæдтæхæг у «Боинг 787-8 Дримлайнер».