Æнæнизхъахъхъæды министры бынатыл  снысан уыдзæн  Зураб Азарашвили
Æнæнизхъахъхъæды министры бынатыл снысан уыдзæн Зураб Азарашвили

Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министры бынатыл  Эккатерине Тъикъарадзейы  фæивдзæн Зураб Азарашвили.  Фæнысангонд  бынатмæ   Зураб Азарашвилийы   раразмæ  кодта  премьер-министр  Ираклий Гъарибашвили  абоны  хицауады   рабадты  размæ.

Зураб Азарашвили абоны онг  Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады министры  бынатыл уыд. Цæугæ  азы  2  февралмæ  уый  ахста  Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады  министрады хицауадон барады юридикон уæнг  паддзахадон  æфсæддон  зонадон-техникон  центр «Дельтайы»  генералон директоры  пост.  Афтæма  уыдис  акцион æхсæнад  «Тбилавиамшены»   генералон  директор. Уымæй  уæлдай ма  æндæр æмæ æндæр   азты  куыста  коммерцион структурæты.

Бакой  уын кæндзыстæм  Экатерине Тъикъарадзе, æнæнизхъахъхъæды министры бынатæй  хи суæгъд кæныны  фæдыл  уынаффæйы тыххæй   9 декабры райхъусын кодта.