Æнæнизхъахъхъæды министрады хъусын кæнынц, цæмæй корронавирусы тыххæй, Итали æмæ Евроцæдисы æндæр бæстæтæм тахтытæ бауромыны фарста нырма каст нæ цæуы
Нæдæр Италимæ æмæ нæдæр Евроцæдисы æндæр бæстæтæм балц арæн скæныны æнхъарæныл нырма нæ хъуыды кæнæм – уый фæдыл æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæг Тамар Габуниа журналисттæн загъта, уыцы фарсты дзуаппæн, зæгъгæ пълан кæны æви нæ коронавирусы тыххæй Италиимæ уæлдæфон змæлд аскъуынын.
Уымæй дарддæр, æнæнизхъахъъхæды министры хæдивæг нæ цух кæны уый, цæмæй арæйнон пунктыты мониторингы мадзæлтты фæкарз кæнын.
Цыдæриддæр та коронавирусы ахæлиуы тенденцимæ æххæссы, æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæгы дзырдæй, Æнæнизхъахъхъæды Дунейы организаци конкретонæй нæ дзуры, стабилизацийы æнхъæлмæкæсинаг датæ.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, бирæ бæстæты кусынц ахуыргæндты къордтæ коронавирусы ныхмæ вакцинæйыл.
«Цæй зæгъын æй хъæуы стыр акцент арæзт цæуы вакцинæйыл, фæлæ нырма конкретон датæ нæй, кæд уыдзæн цæттæ æмæ рæувадат. Иууыл цъус æхсæз мæйы бахъæудзæн, сегасæй оптимистон цауы, вакцинæйы бакусын æмæ стæй та йæ басгарынæн», – райхъусын кодта Габуниа.