Æнæнизхъахъхъæды министрад - сидæм æмбæстæгтæм, нырыккон гоймагы æвдисæндæрттæ сисынмæ, цæмæй сын ма фæзына исты куылмпыдинад пенсийы, социалон æххуысы æмæ æндæр кæцыфæнды лæггады райсты рæстæджы
Æнæнизхъахъхъæды министрад сиды æмбæстæгтæм, нырыккон гоймагы æвдисæнгæххæт сисынмæ, цæмæй сын зæгъгæ ма фæзына куылымпыдзинад пенсийы, æндæр социалон æххуысы æмæ æндæр цыфæнды лæггад райсты æрдгæй.
Уагдоны хъусинагæй, а.х. ламиниргонд (гæххæтты) æвдисæндæрттæ юридикъон тых фесæфтой.
«Уый тыххæй, цæмæй æмбæстæгтæ сервистæй пайда кæнын уа сæ бон, ма сын фæына куылымпыдзинæдтæ пенсийы кæнæ æндæр социалон лæггад райсты рæстæджы, æнæмæнгхъæугæ у баздæхой Юстицийы хæдзары филиалтæм, мобилон юстицийы хæдзæрттæм æмæ æпаддзахадон сервисты райтынгы агентады территорион кыстытæм, цы ран æнæфидгæйæ уыдзæн сæ бон æвдисæнгæххæтт раивын.
2024 азы фыццаг июлæй, закъоны тыхæй, Гуырдзыстоны юридикон тых фесæфта 2011 азы 28 февралмæ лæвæрд гоймагы æвдисæнгæххæт.
Уыцы æмбæстæгты интерестæ бахъахъхъæды нысанæн, кæцытæ нырма нæ раивдтой а.х. ламиниргонд гоймагы æвдисæндæрттæ, паддзахад рахаста уынаффæ, нолы иу мæйы дæргъы сын уа рæувадат сервистæ.
Фæнысангонд уаг рæстгмæ у æмæ нæ нысан кæны, а.х. ламиниргонд гоймагы æвдисæндары архайыны æмгъуыд адарддæр кæнын. уыимæ фæнысангонд уæнгтæн 1-аг августæй социалон æххуысы, пенсийы æмæ æндæр лæггады райсын сæ бон у æрмæстдæр æмбæлгæ банкы филиалтæм визиты фæрцы. Уыдонæн арæнгонд у банкоматтæй æмæ терминалтæй пайда кæнын, банкон фидинæгтæ æмæ æндæр банкон операцитæ.
Æнæнизхъахъхъæды министрад сиды æмбæстæгтæм, баздæхой юстицийы хæдзары филиалтæм, мобилон юстицийы хæдзæрттæм æмæ паддзахадон сервисты райрæзты агентады территорион куысттыæ æмæ сисой нырыккон гоймагы æвдисæндар, цæмæй сын фидæны мæ фæзына куылмпыдзинæдтæ пенсийы æмæ æндæр социалон æххуысы, афтæма æндæр кæцыфæнды лæггад райсынæн, кæцыйæн æмтгæй зæгъгæйæ сæ бахъæудзæн гоймагы æвдисæндар», – банысангонд у министрады информацийы.