Æнæнизхъахъхъæды министрад онкологион диагноз кæмæн ис ахæм пациенттæн хъæугæ медикаментты алæвæрд райдыдта
Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министрад Онкологион диагноз кæмæн ис, ахæм пациенттæн хъæугæ медикаментты алæвæрд райдыдта, æппæтон æнæнизхъахъхъæды программæйы баст пациенттæ швейцариаг компанийы уагъд медикаментты хъæугæ нымæц æнæфидгæйæ исын.
Æнæнизхъахъхъæды министрады информацийæ, 13 номхуынды зынаргъ онкологион медикаменттæ паддзахад дунейы акæнæг фармацевтон компанийæ комкоммæ балхæды фæндагæй, нысаниуæгджынæй ныллæг аргъæй балхæдта. Æнæнизхъахъхъæды министрад пациентты бæрзонд гъæды медикаменттæй сифтонг кæндзæн.
Онкологион фармацевтон продуктты балхæнынæн æнæнизхъахъхъæды министрад бадзырд бафыста дунейы акæнæг ноджы иу фармацевтон компани «Новартистимæ». Æввахс фидæны пациенттæ уæлæмхасæй аст номхуынды медикаменты райсдзысты.
хÆнæнизхъахъхъæды министрады хъусинагæй, афтæма ауæрæхдæр ис хроникон медикаментты номхыгъд æмæ райрæзтис программæйы бюджет, кæцыйы фæлгæтты 400 000-ы онг бенефициарæн хроникон низтæн хосгæнæн медикаменттæ æххæстæй сфинанс уыдзысты.