Æнæнизхъахъхъæды министрад фармацевтон компани «Рошейæ» комкоммæ балхæдта онкологион низтæн хосгæнæн медикаменттæ
Инновацион онкологион медикаменттæ, кæцыты æнæнизхъахъхæды министрад Дунейы акæнæг фармацевтон компани «Рошейæ» комкоммæ балхæдта, ныридæгæн Гуырдызстоны сты.
Æнæнизхъахъхъæды министрады информацийæ, уагдон компанийæ 13 номхуынды онкологион медикаменттæ: «Авастин», «Алеценза», «Газива», «Зелбораф», «Кадсила», «Мабтера», «Перджета», «Полив», «Розлитрек», «Тарцева», «Тецентрик», «Фесго», «Герцептин» нысаниуæгджынæй асламдæр балхæдта. 2024 азы январæй, пациенттæ, фæнысангонд медкаментты æппæтон æнæнизхъахъхъæды паддзахадон программæйы фæлгæтты райсдзысты.
Афтæма сæ хъусинагæй, сæрмагондæй компанийæ специалон аргъæй æмæ аууæлттæй комкоммæ фæндагæй балхæды нысан, медикаменттыл, максималон рæувадатдзинад сифтонг кæнын у.
Компани «Рошеимæ» бадзырд 2023 азы нояры бафыстæуыд. Æнæнизхъахъъхæды министрад дарддæр кæны реформæ æмæ бадзырдтæ дунейы уыцы акæнæг фармацевтон компанитимæ, кæцыты медикаменттæ Гуырдзыстоны уæрæх бавдыст сты æмæ паддзахадон хардзты сегасдæр стыр хай ахсынц. Медикаментты комкоммæ амалиуæгдарæй балхæд , хосты рæувадатдзинады сбæрзонддæры нысанæн, æнæнизхъахъхъæды министрады сыххæст реформæты хай у», – хъусын кæнынц æнæнизхъахъъхъæды министрады.