Æнæнизхъахъæды министрад – кæд гоймагæн вакцинацийы статус сбæлвырд кæнын не нтысы, уæд рекомендацигонд у фæлхатгæ вакцинацийы ацæуын
Гуырдзыстоны æнæнизхъахъъæды министрады информацийæ, уыдонæн чидæриддæр поликлиникæты фадынæгы кæнæ свинкæйы вакцинацийы бæлвырдгæнæн документтæ нæ райсдзысты, рекомендацигонд у фæлхатгæ вакцинаци скæнын. Уый фæдыл министрады комментарийы уый фæстæ сарызтой, бæрæг куы æссис, цæмæй ныйарджыты хаймæ, æмбæлон документы бавдисыны æркуырдæй проблемæтæ куы сырæзт.
Фыццаг Къаналæн æнæнизхъахъъхæды программæты къухдариуæггæнæг Эка Адамиа куыд фехъусын кодта, афтæмæйуыцы цауы кæд æмæ поликлиникæтæ нæ бавдисдзысты документацийы уæд министрад зæгъгæ æмбæлон мадзæлттæ райсдзæн.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, фæнысангонд низты вакцинаци у æнæфидгæ алкæмæндæр.
Æнæнизхъахъъæды программæты хистæры фидиуæнæй, кæд бæлвырдгæнæн документы ссарын гæнæн нæй, уæд ацы цауы, рекомендацигонд у, цæмæй фæлхатгæ ацæуйо вакцинаци, уымæн æмæ уый гæнæн ис.
«Кæд уагдонимæ сырæзт проблемæтæ æмæ сæрмагонд тыхтæй уый райхалын сын не нтысы, уæд хъуамæ æрбаздæхой æнæнизхъахъъхæды министрадмæ. Мах бацархайдзыстæм баххуыс сын кæнæм уый рабæрæг кæныны, цæмæй цы проблемæтæ сырæзт конкретон цауы. Ныр мын фæзын уыдзæнисты зæгъын, уымæн æмæ нæ зонын кæмæн цы æфсонæй сырæзт проблемæ. Уыцы цауы, кæд вакцинацийы статус сбæлвырд кæнын не нтысы, уæд гæнæн ис уый æххæсса ахæм уæнгтæм, кæцытæ нæ хъуыды кæнынц кæцы уагдоны ацыдысты вакцинаци, уæд рекомендаци у, фæлхатгæ ацæуой вакцинацийы процедурæ банысангонд низтыл» – расидтис Эка Адамиа.
Сколаты æмæ сабидæтты ныйарджытæй сывæллæтты вакцинацийы бæлвырдгæнæн æвдисæнгæххæт æркуырдтой. Абон 1tv.ge-мæ фæдзырдтой цалдæр ныйарæг, æмæ загъдтой цæмæй сын поликлиникæты æмбæлон документаци райсын нæ бантыст.