Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрады информацийæ, 2-æм декабры уагъд митингы рæстæджы фæцæфгонд 26 адæймаджы рынчындонмæ бахъуыд
Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрады информацийæ, 2-æм декабры уагъд митингы рæстæджы фæцæфгонд 26 адæймаджы рынчындонмæ бахъуыд

Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министрады информацимæ гæсгæ, 2-æм декабры уагъд митингы рæстæджы зианбаййафæг 26 адæймагы госпитализаци хъуыд, се æхсæн мидхъуыддæгты министрады æртæ минæвар.

Уагдоны информацийæ, зианбаййафджытæй иуы цард дæр тæссаг нæу.

«Дыккæгæм декабры протесты фæстиуæгæн Уæлвæткон уавæрты координацион æмæ тагъд æххуысы центры къордтæ медицинон уагдæттæм аластой 26 адæймаджы. Уыдонæй акцийы 23 хайадисæг æмæ мидхъуыдтæгты министрады æртæ минæвары ис. Зианбаййафджытæй чидæртæ ныридæгæн сты клиникæты дохтырты хъусдарды бын, чидæртæ та ныридæгæн ныууагътой медицинон уагдæттæй. Цæфгондтæй иу дæр цардæн тæссаг нæу. Уымæй дарддæр ма медицинон æххуыс лæвæрд æрцыд æппæт æмбæстæгтæн, кæцыты бахъуыд. Се ‘хсæн, митингы хайадисджытæ, дзыллон информацийы фæрæзты æмæ барадхъахъхъæнæг органты минæвæрттæ, кæцыты нæ бахъуыд госпитализаци. Банысангонд бæрæггæнæнтæм хауы æрмæстдæр уæлвæткон уавæрты координацийы æмæ уæлвæткон æххуысы центры стационармæ бахауæг адæймæгты нымæц» – ис фыст æнæнизхъахъхъæды министрады информацийы.