Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад балхæдта глюкозæйы мониторингы системæ Libre 2+, фыццаг типы сæкæрнизæй рынчын сывæллæтты хъуагдзинæдтæ хынцгæйæ.
Фыццаг типы сæкæрнизæй рынчын сывæллæтты хъуагдзинæдтæ æмæ сæ ныййарджыты интерестæ хынцгæйæ, Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад бадзырд бафыста датчикты аразæг Abbott laboratories-имæ æмæ балхæдта æнæрлæугæ глюкозæйы мониторингы системæ Libre 2+.
Аппараты райсты куырдиæттæ райдыдтой æмæ сæ лæвæрд цæудзæн этапонæй. Аппаратты райсты фидиуæн райдыдта этапонæй. Мониторингы аппараттæ уыцы пациенттæ райсдзысты, кæцытæн сенсорæй пайдайы æнæмæнгдзинад ис.
Критеритæ сбæлвырд кæныны тыххæй, æнæнизхъахъхъæды министр, Михаил Сарджвеладзе медицинон специалисттимæ фембæлд.
Фембæлды ныхас цыд параметртыл æмæ клиникон фактортыл, кæцытæ бæрæг кæнынц Libre 2+ æнæрлæугæ глюкозæйы мониторингы системæйы æнæмæнгхъæуындзинад. FreeStyle Libre 2+ у туджы глюкозæйы æнæрлæугæ мониторингы системæ, кæцы арæзт у 2 компонентæй – датчик æмæ кæсæг. Датчикæн йæ æмгъуыд у 15 боны, кæсæг та бæрæггæнæнтæ æвæры 90 боны.
Гуырдзыстоны паддзахадон программæйы бенефициартæн америкаг компани тæвд хахх сарæзта. Техникон æххуысы рæстæджы кæнæ хъæндзинæдты рæстæджы бадзурæн ис +995 800 00 80 77 номырмæ, кусгæ бонты 09:00 сахатæй 17:00 сахаты онг.
Зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2022 азæй фæстæмæ 1-аг типы сæкæрнизæй рынчын сывæллæттæн лæвæрд цæуынц америкаг-ирландиаг компани Medtronic-ы бæрзондтехнологон æнæрлæугæ туджы глюкозæйы мониторингы системæтæ.