Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организаци «омикроны» хæлиукæнынады фоныл дзыллæтæм æрсидтис, бæрæгбонон мадзæлттæ  аивын
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организаци «омикроны» хæлиукæнынады фоныл дзыллæтæм æрсидтис, бæрæгбонон мадзæлттæ аивын

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунейон организаци  коронавирусы «омикрон»  варинаты  хæлиукæнынады фоныл дзыллæтæм æрсидтис, бæрæгбонон мадзæлттæ  аивын.  Информаци хъусын кæны «ВВС».

«Адæймæгты цард скуыдæй мадзал аивын хуыздæр», – райхъусын кодта æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунейон организацийы генералон  директор Тедрос Аданом Гебрейсус  брифингы рæстæджы.  Организацийы  къухдариуæггæнæг  куыд банысан кодта афтæмæй,  зæгъгæ  хъæуы  «зын уынаффæтæ» рахæссын,  кæцы  иуæй-иу  цауты нысан кæны бынтон аивын кæнæ  æмгъуыд ахæссын.

«Алчи бафæлладстæм  ацы пандемийæ. Алкæй нæ фæнды, рæстæг арвитын  нæ хæлæрттимæ æмæ  бинонтимæ иумæ. Алкæй нæ фæнды,  нормалон цардуагмæ æрыздæхын. Æмæ сеппæтæй  цыбырдæр фæндаг уый саразынæн махæн алкæмæн, лидертæн æмæ  индивидуалон уæнгтæн, сты  вазыгджын уынаффæтæ, кæцы  райсинаг сты  хи æмæ æндæр адæймæгты æнæниздзинад бахъахъхъæнынæн.  Иуæй-иу цауты, уый нысан кæцы  ацы мадзæлтты  аивын кæнæ  æмгъуыд ахæссын… Ныр бæрæгбон  кæнын æмæ   стæй та  саударæн бонты бæсты, хуыздæр уыдзæн  ныр нæ бæрæгбонон мадзæлттæ  аивæм  æмæ фæстæдæр сбæрæгбон кæнæм», – райхъусын кодта Тедрос Гебрейсус.