Æнæхицауадон секторы минæвæрттæ закъондæттæн ивындзинæдты фæдыл иумæйаг фидиуæн сарæзтой
Æнæхицауадон секторы минæвæрттæ закъондæттæн ивындзинæдты фæдыл иумæйаг фидиуæн сарæзтой

«Гуырдзиаг Бæллицц»  ацы бонты фæнд кæны ивæндзинæдтæ райсын, кæцытæ Гуырдзыстоны хæларадон бæстæтæн æмæ æхсæнадæмон организацитæн æнæ Гуырдзыстоны хицауады разыдзинадæй Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн æххуыс бакæнын тобæ кæндзысты – уый фæдыл æнæхицауадон секторы минæвæртты иумæйаг фидиуæны ис фыст.
Расидæны дзырдæуы, цæмæй абон, паддзахадон уагдæттæ партион æфтауцтæ куы систы, уæд адæмы бахъахъхъæныны иунæг фæндаг у æмбæстагон солидарондзинад æмæ активизм.
«Мах хахх кæнæм, цæмæй ацы законы нысан у Гуырдзыстоны æхгæд, изоляцигонд паддзахадæй раивын, цыран æхсæнадон царды алы сферæ хъуамæ уа парти «Гуырдзиаг бæллиццы» тоталитарон стилы контролы бын æмæ æхсæнад хъуамæ уа æнæмæнгхъæугæ æххуыс райсынæй æхсæнадæмон партнерты æмæ хæлæртты æрдыгæй. Ацы закъон афтæдæр нысан кæны медийы æмæ æмбæстагон æхсæнады архайдтытæ бауромын, кæцытæ гуырдзиаг адæмæн дæттынц информаци паддзахадон уагдæтты æрдыгæй гуырдзиаг адæмы барты хæлды, коррупцион бадзырдты æмæ бæрнон кусджыты бынæттæй сæрмагонд нысæнттæй спайда кæныны фæдыл, кæцы тынг органикон ссис «Гуырдзиаг бæллицæн» – ис фыст æнæхицауадон организациты расидæны.
Расидæны куыд ис фыст, афтæмæй «æнæлегитимон парламент архайы гуырдзиаг адæмæн сæ хæлæртты фарсылхæцындзинад æмæ æмзæрдæдзинад байсын æмæ сæ æнæхъахъхъæдæй ныууадзын – сывæллæттæ, сылгоймæгтæ, студенттæ, зæрæдтæ, æнæзакъонон ахæсттæ, æнæзакъонæй сæ куыстæй ссæрибаргондтæ, æнæзакъонæй иваргондтæ, тыхмийы амæттæгтæ, инвалидтæ, журналисттæ, бизнес æмæ æндæр культурæйы минæвæрттæ сферæтæ».
«Мах, Гуырдзыстоны æмбæстагон æхсæнад, ноджы иу хатт фидарæй хъусын кæнæм, цæмæй нæ хъавæм цæрын уырыссаг закъæттæй æмæ ныхмæлæуд кæндзыстæм кæронмæ гуырдзиаг адæмы æфхæрды актæн. Мах нæ бауадздзыстæм Иванишвилийы æнæлегитимон хицауадæн, кæд æмæ куыд баххуыс кæндзысты гуырдзиаг адæм кæрæдзийæн, æмæ ноджы иу хатт расиддзыстæм нæ хæсдзинад Гуырдзыстоны конституцийыл, кад æмæ намысы бартыл æмбæстæгтæ» – ис фыст иумæйаг фидиуæны.