5 июлы тыхмидзинады иттæг уæззау фæстиуджыты тыххæй, Гуырдзыстоны премьер-министр уайтагъд йæ постæй йæхи хъуамæ сиса – уый фæдыл æнæхицауадон организациты ахæлиугонд фидиуæны мидæг дзырдæуы.
Фидиуæнылкъухбафыссæг организациты фидиуæнæй, хицауад 5 июлы нницы сарызта тыхмигæнæг къордты бауромынæн, уымæ нæкæсгæ æмæ развæлгъау зыдтой се рдгæй агресси æмæ тыхмидзинады рискъы тыххæй.
«5 июлы масштабон тыхмидзинадыл, кæцыйы фæстиуæгæн дæсгай журналисты æмæ сабыр æмбæстагы æнæниздзинад базиан ис, æрмæст «Тв Пирвелийы» оператор, æнæниздзинады уæззау зианы фæстæ амард, дзуаппмæ лæвæрд хъуамæ æрцæуæд тыхмидзинады алы организатор, хайадисæг æмæ тыхмидзинадмæ удцырын чи кодта адæмы, нæкæсгæйæ се гражданон кæнæ религион архайæгы статусмæ. Политикон бæрн иттæг уæззау фæстиуыджытыл, æвæрд цæуы хицауадыл, кæцы фактонæй нæзагъд ракодта сæрмагонд функци сыххæст кæнын æмæ адæймагæты æнæнæиздзинад æмæ цард бахъахъхъæныныл. Уый тыххæй дæр: къухбафыссæг организацитæ, курæг стæм, иууыл цъус: Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили æмæ Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр Вахтанг Гомелаури æнæаргъæвгæйæ сæхи суæгъд кæнæт сæ куыст бынæттæй, тыхмидзинады алч организаторы, хайадисæг æмæ удцырынгæнæг, се статусмæ нæкæсгæйæ, дзуаппмæ лæвæрд æрцæуæд закъоны æххæст карздзинадмæ куыд æмбæлы афтæ» – дзырдæуы фидиуæны.
Фидиуæныл къух фыссынц: Гуырдзыстоны Демократон Инициативæ (GDI); Хицауиуæгы Мониторингы Центр(GMC); Сапари; Æхсæнад æмæ Банктæ; Медийы Рæзынады Фонд (MDF); Гуырдзыстоны Реформæты Ассоциаци (GRASS); Информацийы Сæрибардзинады Рæзынады Институт (IDFI); Экономикон политикæйы иртасаг центр(EPRC); Адæймаджы барты центр (HRC); Социалон Рæстдзинады Центр; Гуырдзыстоны Атлантикон совет; Гуырдзыстоны Æвзонг Юристты Ассоцаици (GYLA); Æхсæнадæмон Рæсуг- Гуырдзыстон (TI Georgia); Рæстаг æвзæрстыты æмæ Демократийы æхсæнадæмон дзыллæ (ISFED); иртасаг журналистикæйы æмæ экономикон анализы центр; ИНО-йы ассоциаци, Цъæх альтернативæ; Тбилиси прайд; DRI.
«Тв Пирвелийы» оператор Лексо Лашкарава, кæцыйы 5 июлы фæзындты рæстæджы фыднад скодтой, амардис. Мæлæты аххос ацы рæстæгмæ бæрæг нæу.
Лексо Лашкарава клиникæйы цалдæр боны арвыста, цæй фæстæ дæр æй хæдзармæ рафыстой. Фактыл райдыдта фæдагуырд.