ÆМП- имæ комкоммæ фæсарæйнаг инвестициты æрдгæй Гуырдзыстон, Дунейы фæндзæм бынат ахсы
Æмтгæйон мидпродукты æрдгæй, комкоммæ фæсарæйнаг инвестициты хуыздæр бæрæггæнæн кæмæн ис Дунейы ахæм 76 бæстæйы æхсæн Гуырдзыстон топ фондз бæстæйы æхсæн ис. Информаци уый фæдыл «Араз Гуырдзыстоны» публикаци кæны.
Æмбæлгæ рейтингы дунейы иуæй-иу сегасдæр сахадæг бизнесмедиа холдингы «Financial Times»-ы къорды уæнг, «fDi Intelligence», публикаци кæны «Greenfield FDI Performance index»-ы.
Уыимæ ацы азы рейтингы Гуырдзыстон йæ позицитæ 20 бынатæй фæхуыздæр кодта.
Индексмæ гæсгæйæ, 2022 азы æмтгæйон мидпродуктмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстон проектты нымæцæй рекордон рæзт сфиксир кодта æмæ уæвæг бæрæггæнæнтæ цыппарывæр скодта.
Банысанкæнинаг у уый æмæ Гуырдзыстон 2022 азы рекордонæй бæрзонд комкоммæ фæсарæйнаг инвестицитæ æрбаласта кæцы 2 миллиард АИШ доллары бæрц у.
Greenfield FDI Performance index-ы Коста Рика у лидер, кæцыйы фæстæ лæууынц Цæгат Македони, Иугонд Арабаг Эмираттæ æмæ Серби. Индексы Гуырдзыстон йæ фæстæ фæуагъдта ахæм бæстæтæ, цахæмдæр сты: Португали, Лиетувæ æмæ Сингапур.