Æминвестирдзинады фонд – Бидзина Иванишвили Гур æмæ Глданы бæрæггæнæнты центры хайы бардарæг нæу
Гуырдзыстоны æмнвестирдзинады фонд технологион компани Bitfury –мæ гæсгæ фидиуæн хæлиу кæны.
«Гуырдзыстоны æминвестирдзинады фонд дзуапп дæтты фæстаг периоды бæрæг политикъты æнæбындур фидиуæнтæн æмæ йæ фæнды цæрджытæн нæфæсайгæ информаци бадæтта.
2014 азы Гуырдзыстоны æминвестирдзинады фонд акæнæг æхсæнадæмон компаний Bitfury-ы срæвдз кодта кредитон финансдзинадæй2.
Bitfury-йы Гуырдзыстонмæ æрбацыд баахъаз кодта бæстæйы бæрзондтехнологион фадыгы рапарахат æмæ Гуырдзыстоны æрфидар кодта дунейы технологион картæйыл. Фæнысангонд кредиты компани 2015 азы æххæстæй бамбæрзта. Уый тыххæй дæр нæ фæнды зæгъæм уын, цæмæй нæ дæр Гуырдзыстоны æминвестирдзинады фонд æмæ нæдæр Бидзина Иванишвили кæнæ уыйимæ баст искæцы компани, Гуры æмæ Глданы бæрæггæнæнты центрты никæцы хайы бардарæг не сты.
Афтæдæр нæ фæнды райхъсын кæнæм, цæмæй фæнысангонд фарстæй инетерсджын иунæг политикъдæр нæ фæдзырдта Гуырдзыстоны æминвестирдзинады фондмæ, кæцыйæ ноджы иу хатт фæбæрæг сты сæ политикъон мотивтæ. Курæг стæм политиктæй, цæмæй фылдæр бæрнон уой ацы фарсты æрдæм æмæ æнæбындур фидиуæнтæ саразыны размæ, информацийы сбæрæг кæной» – дзырдæуы фидиуæны.
Гур æмæ Глданы уæвæг объекттимæ Бидзина Иванишвилийы бастдзинады фæдыл фидиуæн, фæстаг бонты мидæг, цалдæр оппозицион тыхы минæвæрттæ арызтой.
«Европаг Гуырдзыстоны» уæнгты фидиунææй, Иванишвилийæн электроэнергийы дæттынц пайдагæнæгон тарифæй бирæ асламдæр.
Фæнысангондыл нæ сæттынц компани Bitfury-ы.