Батумы «Силк Тауэры» «Силк Роуд Къорд» самайдзæн  æминвестирдзинады фондимæ иумæ
Батумы «Силк Тауэры» «Силк Роуд Къорд» самайдзæн æминвестирдзинады фондимæ иумæ

«Силк Роуд Къорд» Батумы «Силк Тауэры»  æминвестирдзинады  фондимæ иумæ   самайдзæн. Уымæ гæсгæ  специалон информацийы æмæ комментарты «Æминвестирдзинады фонд»  хæлиу кæны.

«Нæ къорд нырид 10 азæй ыфылдæр  у  Гуырдзыстоны æххæст кæны инвестицитæ  æмæ ацы рæстæгмæ  зæгъæн ис 600 милуан  АИШ доллары онг инвестици сæххæст кодтам  Гуырдзыстоны экономикæйы æндæр æмææндæр секторы.

Нæ инвестицион куысты  нысаниуæгджын   бынат ахсы   Аджарийы  регион,   цы ран  90 милуан долларæй фылдæр  инвестици  сæххæст кодтам бирæ проектыты, сæ нымæцы  фысымуат  «Редисоны».

Банысанкæнинаг у уый, цæмæй   æнæкæсгæ 2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæстмæ, нæдæр Тбилисы   æмæ нæдæр Батумы  проектытæ  нæ  фæурæдтам  æмæ 2009 азы Тбилисы   æмæ 2011 азы та  Батумы байгом кодтам  «Редисоны»  бренды фысымуаттæ. 2012-æм азы  мах  хуындæй  Гуырдзыстонмæ æрцыд Дональд Трамп, «Трамп Тауэры» проекты   перезентацийы тыххæй.

Дональд Трампæн йæ зæрдæмæ фæцыд Гуырдзыстон, Батум æмæ   фидæн «Трамп Тауэры»  локаци, кæцы нæ хъуыдымæ гæсгæ,   сегасæй  хуыздæр у  Батумы  æмæ æцæгдæр  æвзæрст  æмæ æнтыстджын проекты аккаг  у.    Трамп  Америкæйы президент куы æссис,  реалондзинад  аивдта.  Мах  иумæйаг разыдзинадæй   аскуыддзаг кодтам  бадзрыд, фæлæ  нæдæр æз æмæ нæдæр мæ къорд иу минутæй дæр  не æрурæдтам  хъуыды кæнын ацы проектыл.  Фæнды нæ  Аджарийы  самайæм  комплекс, кæцы Батумы  райтынгы   ног этапæй суыдзæн: «Силк Тауэр»  æмæ алфæмбылай террторий , æрдз, кæцы  сахары визитон картæйæ суыдзæн.  Ныфс нæ ис, цмæй  ацы проект нысаниуæгджын хай бавæрдзæн  фылдæр инвестициты   æрбаласыны  æмæ бæрзонæфтиагджын туризмы  рапарахаты хъуыддагмæ. Нæ партнер у  Гуырдызстоны  æмнвестирдзинады фонд, кæцы  ацы  проекты  æмфинансдзинады райсдзæн хайад» – хъусын кæны Гиорги Рамишвили.

Ацы этапыл «Силк Роуд Къорды» заказæй,  æхсæнадæмон  консультацион компани  «Сервотел»  фæцис  базары иртасын.  Ныр цæуынц  проекты  техникон-экономикон  документацийы  бакусæн мадзæлттæ.

«Серволты»  минæвæрттæ Тбилисмæ æрцыдысты  5 ноябры  æмæ «Силк Роуд Къорды» æмæ æминвестирдзинады фондæн бавдыстой  проекты  параметрты  фыццагон презентаци.

Аскуыддзаг ис цæмæй  проект  сæххæст уыдзæн  цалдæр фазæйæ:  фыццаг жтапыл  плангонд у  «Силк Тауэры» арæзтад  æмæ йæ  алфæмбылай уæвæг  яхтклубы дæргъы  уæвæг променады саразын. Проекты райтынгы фæдылдзог  фазæтæ сты: æфтауцæй  цæрæн комплексты, бæрзонд кълассы фысымуаты, казинойы,  ивхæрсæн  центры,  мультифиункцион  залы  æмæ конгрес  центры  арæзтад.  Развæлгъау  схыгъдæй,  проекты æппæт аргъ, алы фазæйы   банымадæй,   зæгъæн ис 250  милуан  АИШ  доллар.

 

Ныр «Силк Роуд Къорд»  уадзы  бадзырдтæ  бынæттон æмæ  æхсæнадæмон банкътимæ,  2018 азы фæуыдзæн   территорийы, генералон планы  бакуыст, æрмæст йæхæдæг  «Силк Тауэры»  арæзтады райдаын  плангонд у 2019 азмæ.