Æмбæстагдзинады фарстыты камис Гуырдзыстоны президенты администрацийы дæлбар ахызт
Æмбæстагдзинады фарстыты камис паддзахадон сервисты райтынгы агентадимæ иумæ Гуырдзыстоны президенты администрацийы дæлбар ахызт.
Юстицийы министр Тея Цъулукиани цæугæ азы 10 январы уагъд брифингыл президенты 2017 азы 26 декабры барамынды фæдыл фæныхас кодта, кæцы йæ хъуыдыйы дартта, «Гуырдзыстоны æмбæстагдзинады фарстыты æркæсын æмæ скуыддзæгты фæдыл» уагæвæрды ивындзинад.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæнысангонд ивындзинæдтæ цæугæ азы 15-æм январæй скусдзысты.
Ея Цъулукианийы ныхæстæм гæсгæ, президенты барамындмæ хаст уæлдæбанысангонд ивындзинæдты фоныл, Гуырдзыстоны юстицийы министр йæхи æрдгæй хæсджын у, сæрмагонд бардзырды дæр сæххæст кæна ивдтытæ, кæцытæ Гуырдзыстоны закъондæттæг фидиуæджы абон æрцæудзысты публикацигонд. Юстицийы министры инициргонд ивындзинæдтæ фыццаджы дæр æнцой сты Гуырдзыстоны органон закъоныл «Гуырдызстоны æмбæстагдзинады фæдыл» фæлæ афтæдæр йæ хъуыдыйы дары уыцы ногдзинæдтæ кæцыты Гуырдзыстоны президент сæрмагонд барамынды бавдыста.
Юстицийы министр банысан кодта, цæмæй президенты барамындмæ хаст ивдтытæ президенты уыцы бардзырды æндæр нормæты ныхмæ цæуы, æмæ афтæдæр æнæмæбæлон уыдзæн Гуырдзыстоны органон закъонимæ «Гуырдзыстоны æмбæстагдзинады фæдыл», кæцыйы 24-æм сæрмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны æмбæстагдзинады фарстытыл хъуыдиæдты «кæсы» сервисты райтынгы агентад.
«Президенты сæххæст ивдтытæм гæсгæйæ, сервисты райтынгы агентад лæваæрд куырдиæтты кæсын нал адарддæр кæндзæн. «Уый тыххæй дæр ма нæм баззад æрмæстдæр куырдиæттимæ баст аууæлтты раиртасыны функци, кæцыйы цæй зæгъын æй хъæуы сæххæст кæндзыстæм» – расидтис юстицийы министр.