Æмбæстæгтæн вакцинацимæ сæхи регистрацийы ауадзын сæ бон уыдзæн тæвд хахх – 15 22 фæрцы дæр
Вакцинацимæ регистраци æмбæстæгтæн сæ бон уыдзæн тæвд хаххы номырыл 1522. Уый фæдыл æхсæнуагдонон координацион советимæ архайæг оперативон штабы хистæр Гиорги Гъибрадзе фехъусын кодта.
Гъибрадзе куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæйæ, афтæдæр райрæзтис низы ныхмæ æфтауæг бригадæты нымæц.
«Советы абоны рабадтыл кастæуыд иммунизацийы процессы, максималон интенсификацийы амæлттæ. Ацы нысанæн райрæздзæнис вакцинацийы кабинеттæ æмæ уымæ æмбæлгæйæ дæр низы ныхмæ æфтауæг бригадæты нымæц. Бæрæг куыд у, афтæмæй, уыцы адæймæгтæн, кæцытæн вакцинацийыл электронон регистрацийы фадат нæй, архайдзæн тæвд хахх 15 22, кæцы æмбæстæгтæн дæтты фадат «Ковид-19»ы ныхмæ вакцинацийæн, сæхи регистрацийы ауадзой тилифоны фæрцы. Фæнысангонд тæвд хаххмæ æмбæстæгты ссиу кæндзысты – æхсæнадон æдасдзинады фæткдæттæг центр -112 æмæ иугонд хицауадон тæвд хахх -144», – фехъусын кодта Гъибрадзе.