Æмбæстæгтæн абонæй фæстæмæ сæ бон уыдзæн дохтыры снысангонды электрононæй рабæлвырд кæнын
Æмбæстæгтæн абонæй фæстæмæ фондз æмæ фылдæр медикаменты рафыссыны цауы, сæ бон уыдзæн снысаны рабæлвырд кæнын.
Æнæнизхъахъъæды министрады информацийæ, министрады веб-фарсмæ æфтыд æрцæудзæн специалон функци, кæцыйы руаджы цыфæнды интересджын уæнгæн йæ бон бауыдзæн, дохтыр йын цы рафыста уыцы сынсангонды арвита министрады специалон къордмæ. Къорды снысангонды рабæлвырд кæндзæн цас раст у уый.
Дохтыры снысагонды басгардзæн, æнæнизхъахъъхæды министры сбæлвырдгонд критеритæм гæсгæйæ, специалонæй арызт къамис. Афæдзы мидæг цалдæр хатт рабæрæггонд æнæмбæлондзинады цауы, та министрад дохтырты бæрны фарстайыл фæуынаффæ кæндзæн.
Министрады дзурынц, цæмæй регуляциты æрбайсын полипрагмазийы, кæнæ та уæлдайджын медикаментты рафыссыны цаутæ кæй фæарæх сты уый расидтис.
Регуляцийы скусын кæныны парллелонæй, статистикæйы кондад дæр райдайдзæн. Æнхъæлцау, афæдзы кæронмæ бæрæг суыдзæн , кæцы клиникæйы æмæ кæцы дохтыры æрдгæй сфиксир ис уæлдайджын медикаментты рафыссыны факт æмæ цас арæх сфиксир вæйы госпитализаци, уæлдайджын медикаментты райсты аххосæй.
Снысангонды рабæлвырд кæныны видео-иструкци уæ бон у фенат дæнцыл.