Фæстаг оперативон мадзæлттæ æмæ слестгæнæн мадзæлтты фæстиуæгæн Мидхъуыддæгты Централон уголовон пъæлицæйы управленийы æнæзакъон наркотикты зилдухы ныхмæ тохы сæйраг хайады кусджытæ æрцахстой æхсæз адæймаджы наркотиктæ уæй кæныны аххосагæй.
Мидхъуыддæгты министрады информацийæ, ахстгондты æхсæн ис куыд Гуырдзыстоны, афтæ дæр фæсарæйнаг æмбæстæгтæ.
«Æнæзакъонæй æлхæныны, æлхæнынмæ бацæттæ кæныны, æлхæнынмæ хъавыны æмæ стыр æмæ уæлдай стыр бæрцæй наркотикон препаратты организацигонд къорды æрдыгæй развæлгъау бадзырдæй æлхæныны æмæ æвæрыны аххосагæй æрцахстой ахæм адæймæгтæ: Белорусы Республикæйы æмбæстаг, У.Х., 1996 азы гуырд; 1992 азы; А.С., гуырд 1954 азы; æмæ раздæр тæрхонгонд адæймæгтæ: Д.С., 1976 азы гуырд, æмæ Ф.И., 1985 азы гуырд.