Æхсæвы сахатты змæлдыл тобæ аивын кæнæ фæрогдæркæныныл уынаффæ нырма  нæ цæуы
Æхсæвы сахатты змæлдыл тобæ аивын кæнæ фæрогдæркæныныл уынаффæ нырма нæ цæуы

Гуырдзыстоны  экономикæйы  министр Натиа Турнавайы   фидиуæнæй,   ацы  этапыл   æхсæвы сахатты  змæлдыл тобæ  аивын нæ  план кæны.

Æхсæнуагдонон  координацион советы рабадты  фæстæ,  уый  брифингыл райхъусын кодта, цæмæй  зæгъгæ иу æнæрхъуыды къахдзæф, гæнæн ис,  фæстæмæ проблемæтæ расайа.

«Уый фæрогдæр кæнын, кæнæ аивыныл  уынаффæйæн, стыр анализ  хъæуы йæ размæ, уымæн æмæ нæй  гæнæн  алцыппæт  иумæ фæрогдæр кæнæм. Нырма  ууыл уынаффæ  нæй,  тæрхон кæнæм  дарддæры  къахдзæфтыл, баззадис ма  нырма  бизнес-сектортæ, кæцытæн нæ фæрогдæр кодтам   тобæтæ  æмæ нырмадæр нæ бон нæу  рæвдауæндæтты  байгом кæнын, фитнес индустри  æмæ спортивон объекттæ.  Фæлæ дыууæдæр  сферæ  бахастам  «Араз Гуырдзыстоны» программæмæ  кредиты субсидирдзинады  цæстæнгасæй, фæлæ уый æгъгъæд нæу.   Фыццаджы дæр  фæуынаффæ кæндзыстæм   ацы сферæтыл, афтæма горæтты æхсæн   транспортыл, æхсæвы сахатты  змæлдыл  тобæмæ та æппæты фæстаг бавналдзыстæм.  Тагъд кæнын гæнæн нæй, уымæн æмæ  иу  æнæрхъуыды къахдзæф  нын  фæстæмæ проблемæ  сæвзæрын кæндзæн», – фехъусын кодта Натиа Турнава.

Ранæй-ран  тобæтæй  Гуырдзыстоны  архайы  змæлдыл арæнæвæрд   21:00 сахатæй 05:00  сахаты онг.