Æхсæвы клубтæ сæ куыст æнхъæлцау сног кæндзысты 16-17 декабрæй
Æхсæвы клубтæ сæ куыст æнхъæлцау сног кæндзысты 16-17 декабрæй

Фæллойады инспекцийы  къухдариуæггæнæг Бека Перадзейы  æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,  æхсæвы   клубтæ  кусын райдайдзысты  16-17  декабрæй.

Бека Перадзе  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн  куыд фехуъсын кодта афтæмæй,   зæгъгæ,  зæгъæн ис  кæронмæ бацыд  æдасдзинады протоколыл куыст, кæцыйы хъуамæ сфидар кæна  министр йæ  барамындæй  æмæ уынаффæ  клубты байгомы фæдыл  хъуамæ рахæсса  совет.

Афтæма,  фæллойады  инспекци цалдæр  боны размæ ахæлиу кодта  информаци,  цæмæй, фыццаг декабрæй  Гуырдзыстоны  цъæх паспортты  концепци куы скуыста,  уый фæстæ, фæллойады инспекци  активонæй  райдыдта  фембæлдтæ  æндæр æмæ æндæр бизнес-секторны  минæвæрттмæ. Сæ нымæцы, æхсæвы клубты ассоциациимæ, (Гуырдзыстоны  культурæйы æмæ сфæлдыстады  индустриты иугонд (actculture), кæцыйы рæстæджы дæр æркастысты  куысты  æдас æмæ  æнæцудгæ  сæндидзын кæныны фæдыл фарстатæ.  Фембæлдыл æрныхас кодтой, цæмæй  æввахс периоды  сектор  сног кæндзæн йæ куыст, цæмæн дæр  цъæх паспорттимæ иумæ  фæллойады  инспекци  æндæр компетентон  уагдæттимæ иумæ  бакусдзæни  æдасæй  куысты  протокол, кæцы  сифтонг кæндзæн   ахæм типы  мадзæлттыл фæлхасгæнджыты максималон хъахъхъæд.  Секторон  рекомендаци протоколы сбæлвырды фæстæ, æввахс  периоды  плангонд у  секторы  куыст сног кæнын.