Æхсæнадон Уацхæссæджы ног бæстыхайы фыццаг этапы, арæзтадон куыстыты тендеры уæлахизгонд компани рабæрæг ис
Æхсæнадон Уацхæссæджв ног бæстыхайы фыццаг этапы, сæрмагондæй та конструкцион æмæ архитектурон куыстыты æнæххæстбар æхсæнад «Даги» сæххæст кæндзæн.
Тендеры уæлахизгонд компаниимæ 10 куыстбоны æмгъуыдмæ баххæст уыдзæн паддзахадон балхæды фæдыл бадзырд.
Бадзырд бафыссыны онг тендеры уæлахизгонд компани хъуамæ бавдиса бадзырд сæххæсты ифтонгады банкон гаранти. Бадзырды æмтгæйон аргъ у 43 636 020 лари.
Æхсæнадон Уацхæссæг Тбилисы, Анна Политковскаяйы №31-ы ног бæстыхайы арæзтадон куыстыты фыццаг этапы, конструкцион æмæ архитектурон куыстыты ауадзыныл паддзахадон балхæды нысаннæй, электронон тендер (NAT200008305) райхъусын кодта 2020 азы 9 июны.