«Æхсæнадон Телеуынынады» æххæстгæнæг советы дзуапп Гуырдзыстоны президенты инициативæйæн
Гуырдзыстоны президент Гиорги Маргвелашвили разагъта фæнд, «Уацхæссæджы Фæдыл» закъоны ивдтыты тыххæй фембæлд сараза ацы фарстæй интересдарæг фæрсты минæвæрттимæ. Æхсæнадон Телеуынынады æххæстгæнæг совет цæттæ у, фембæла президентимæ æмæ деталонæй райхала Телеуынынады позици æмæ аргументтæ, цæмæй Гиорги Маргвелашвили æххæст информиргонд уа законæдæттæн ивдтыты мидисимæ æмæ нысаниуæгмæ гæсгæ.
Закъонопроекты æрцæттæйы æмæ апрлмаентон касты периода, мах иуадзыгæй æмбæлдыстæм алы интересджын фарс кæнæ къордимæ æмæ сын зонгæ кодтам нæ позицийы. Æрмæст дзы райгонд уыдзыстæм, кæд президент баинтерес ис Æхсæнадон Телеуынынадæй æмæ цæттæ стæм, фæныхас кæнæм нæ проблемæйы тыххæй, сидтыты, Æхсæнадон Телеуынынады фæтынгдæр кæныны фæндæгтыл. Æрмæст ахæм фембæлды фæстæ, кæд президентмæ ноджы ма базайдзæн фарстытæ закъондæттæн ивдтытæм гæсгæ, цттæ уыдзыстæм фæныхас кæнæм фембæлды æндæр форматыл.
Уæдмæ та цыфæнды æмхæццæ форматы нæ хайадист махæн нæрайсгæ у, уымæн æмæ ахæм формат нæ дæтты фарсты лæмбынæг базоныны фадат æмæ æрмæст зианхæссæг гæнæн ис уа фæстиуæгæн. Уый тыххæй цæмæй , бæрæг къордтæ архайынц барæй æнæрастæй райхалой закъоны статитæ æмæ æххæстæй сфыдуынд кæной закъоны хицæн мотивацитæ, уыдонимæ дауу кæнын нæрайсгæйыл нымайæм н прициптæй æмæ Æхсæнадон Телеуынынады интерестæй рацæугæйæ.
Уый тыххæй цæмæй закъондæттæн ивдтытæ комкоммæ ндавынц Æхсæнадон Телеуынынадмæ, æнхъæл стæм цæмæй президент сразы уыдзæн фембæлды мах цы формат банхъарыдыстæм ууыл æмæ зæрдиагæй бацархайдзæн, æрзонгæ уа «Фыццаг Каналы» раз уæвæг сидтытимæ, кæцыты аскуыддзаг закъон нæраивгæйæ гæнæн нæй.
Æхсæнадон Телеуынынады æххæстгæнæг совет.
«Уацхæссæджы Фæдыл» закъоны ивдтытæй интерес дарæг фæрстимæ фембæлды фæдыл Гуырдзыстоны президенты парламентон нымæрдары Анна Долидзейы фидиуæны абон публикаци скодта президенты администрацийы пресс-куыст.