Æхсæнадон хъахъхъæнæг - Æхсæнадон хъахъхъæнæджы минæвæрттæ бабæрæг кодтой Тбилисы æмæ Батумы ахст дæс æмбæстагы
11-12 январы æхсæвы æхсæнадон хъахъхъæнæджы минæвæрттæ бабæрæг кодтой Тбилисы æмæ Батумы ахст дæс æмбæстаджы, се æхсæн иу æнахъом æмæ ахсты рæстæджы зианбаййафæг инвалидты барты хъахъхъæнæг Гия Джваршеишвили, – уый фæдыл информацийы хъусын кæны Æхсæнадон хъахъхъæнæг.
Омбудсмены информацийы ис фыст, цæмæй ахстгондтæй фондз аххосджын кæнынц полицийы æрдыгæй гæнæн ис æмæ æвзæр ахаст.
“Зæгъæм, уыдонæй иу загъта, зæгъгæ, пъæлицæйы тыхмийы фæстиуæгæн йæ риу æмæ йæ сæр риссынц, йæ къухтыл дæр ис хъæдгæмттæ.”
Уыдонæй æртæйы фæнды фæдагуырд райдайын, кæцыйы тыххæй Æхсæнадон хъахъхъæнæджы аппарат ныридæгæн фехъусын кодта Сæрмагонд слестгæнæн службæйæн дарддæры барадон мадзæлтты тыххæй.
Ахстгондты фылдæр хай амонынц, цæмæй пъæлицæ нæ бамбарын кодта сæ ахсты бындур æмæ сæ бартæ. Цыппар ахстгонд афтæ дæр æвдисынц æнæэтикон ахаст æмæ дзыхæй æфхæрд пъæлицæйы æрдыгæй.
«Æхсæнадон хъахъæнæджы аппарат даргъ кæны ахстгондты бабæрæг кæныны æмæ æхсæнадæн уæлæмхас информацийы алæвæрды процесс», – ис фыст æхсæнадон хъахъхъæнæджы аппараты расидæны.