Гуырзыстоны архайæг æхсæнадæмон финансон организациты минæвæрттæ æмæ дипломаттæ Гуырдзыстоны хицауад æмæ адæммæ гом фыстæгæй сидынц.
Гом фыстæг ахæлиу кодта Дунейон Банкъ.
Фыстæджы мидæг пандемийæ сæвзæргæ проблемæтæн фæразондзинадмæ Гуырдзыстоны цæттæдзинады æмæ бæстæйæн æххуысы фæдыл цæуы дзырд.
«COVID-19–ы пандеми æмæ уыйимæ баст экономикон кризис, прецедент цæмæн нæй, афтæ цырдæй арфдæр кæны æмæ дунейы экономикæ рецессийы æрдæм ысхойы. Æнхъæлмæ кæсинаг у, уый æмæ æндæвдад уыдзæн дунейы финансон кризисæй фыддæрдæр, æрмæст экономикон зиан та алы бæстæты фылдæрæй фылдæрдæр кæндзæн. Гуырдзыстон, куыд гом экономикæ, кæмæн ис ахæм бæстæ, кæцы æнцой у туризмыл, базарадыл æмæ фæсарæнтæй æрвыст финансон æрвитæггæтыл, сæрмагонд рискъы раз рлæууы ацы пандемийы тыххæй.
Гуырдзыстоны хицауад, паддзахадон æмæ хицæн сектор æмæ гуырдзиаг адæм, пандемийыл, тынг хъæддыхæй æмæ æмгуыстадыл æнцойæвæрд ахастæй амбæлдысты. Вирусы апарахатæй уайтагъддæр сæххæстгонд цырд æмæ скуыддзаггæнæг мадзæлттæ равдыстой, цæмæй цас нысаниуæгджын уыдысты уыдон дарддæры апарахат бауромынæн æмæ æхсæнадæмон æппæлды аккаг фесты. Радйдыта æххуысы схемæтыл куыст бизнесты æмæ рискъы раз лæууæг къордтæн æмæ ныр цæуы уыдонæн æххуысы пълæнтты бакуыст. Фискалон ресурстæй æмбаргæйæ фæлхас кæнын æмæ фæстаг азты дæргъы резервты бамбырд кæнын, Гуырдзыстоны экономикæ хуыздæр бацæттæ кодта кризисы экономикон фæстиуджытæн бафæразынмæ. Æнтыстджынæй уагъд структурон реформæты фæстиуджытæ зæрдыл даргæйæ, гæнæн ссис кризисыл хъæддых реагир кæнын, афтæ цæмæй бæстæ фидæны тасы бын ма балæууа.
Уый æппæтмæ нæкæсгæйæ, кризисы равг зæрдыл даргæйæ, æнæмæнгхъæугæ уыдзæн стыр бæрцæй инвестицитæ æмæ финансон æххуыс æнæнизхъахъхъæды сектор æмбæлгæйæ ифтонгадæн фидæны быцæусидтытæн бафæразынæн. Мачи нæ хъуамæ ферох уа; æнæмæнгхъæугæ у æнæхъахъхъæнæг бизнесты æмæ цæрджытæн æххуыс, цæмæй ацы шокæн бафæразой. Хъуамæ адарддæр уа инвестицитæ цæрынæн ахсджиаг инфраструктурæмæ, баххæст уа бæстæйы финансты цы хъуагдзинад æмæ бæстæ бацæттæ уа экономикон æнæфæцудгæдзинад ногæй сфидар кæнынмæ.
Ацы пандеми басæттынæн æнæмæнгхъæугæ у, æнæниздзинад хъахъъхæнынады, социалон æмæ экономикон политикæйы сферæты координиргондæй реагир кæнын. Мах, Азийы Рæзынады Банкъ, Азийы инфраструктурæйы инвестицион банкъ, Европæйы Реконструкци æмæ Рæзынады Банкъ, Евроцæдисы æмæ Европæйы Инвестицион Банкъ, Германийы Федерацион Республикæ – Реконструкцийы кредитон банкъы (KfW) фæрцы, Францы Республикæ – Рæзынады агентады (AFD) фæрæзтæй, Æппæтадæмон Валютон Фонд æмæ Дунейы Банкъы къорд иумæ кусæм, цæмæй срæвдз кæнæм Гуырдзыстонæн цырд æххуыс æмæ ацытæккæ, тæрхон кæнæм финансон æххуысы архайадон пакетыл, кæцы къухаразæг уыдзæн хицауады эффективон реагир кæнынадæн ацы прецедент цæмæн нæй, ахæм кризисыл. Рæзынады сферæйы бирæ æндæр партнер афтæдæр цæттæ кæны æххуысы пакеттæ Гуырдзыстоны адæмæн.
Гуырдзыстоны гербыл уæвæг уæлфыст куыд дзуры, афтæмæй, ныр æцæгдæр «Тых Иудзинады мидæг ис», – дзырдæуы гом фыстæджы.