Æхсæнадæмон базарадон палатæйы арбитражон тæрхондоны æмæ Гуырдзыстоны æхсæн къухбафыст æрцыд меморандум
Æхсæнадæмон базардон палатæйы арбитражы саразынæн Гуырдзыстоны, Æхсæнадæмон базарадон палатæй АРбитражон тæрхондоны æмæ Гуырдзыстоны æхсæн къухбафыст æрцыд меморандум. Уый информацийы хæлиу кæны юстицийы министрад.
Меморандумыл 20 декабры, Паризы, бæрæгбойнон мадзæлтты къух бафыстой, юстицийы министр Тея Цъулукиани æмæ Арбитражон тæрхондоны сæрдар Алекс Мур.
Юстицийы министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уагдон дыууæ азæй фылдæр у цы кусы уый тыххæй, цæмæй Гуырдзыстоны арбитражон сферæмæ æрбакæна бæрзондавторитетон æхсæнадæмон институттæ. Ацы меморандумы бафыст Гуырдзыстонæн ратдзæн фадат суа регионы хъуыддагджын зылды центрæй. Уый тыххæй гуырдзыстонæн ис хорз потенциал, кæцыйы кой бирæ хæттыты кодтой фæсарæйнаг эксперттæ меморандум бафыссыны онг бадзырдты цыды рæстæджы.
Тея Цъулукианийы ныхæстæм гæсгæ, меморандум бафыссыны,, уагъд куыстыты æмæ аргълæвæрдты иу афæдзы сæрыл, фæрстæ ахицæн кæндзысты формæ сбæрæг кæнын, кæцыйы руаджы Æхсæнадæмон базарадон палатæйы арбитраж байгом кæндзæн йæ минæварад Гуырдзыстоны.