Æхсæнадæмон авиакомпаниты хай, Ираны бæсты, Гуырдзыстоны уæлдæфон тыгъдадæй пайда кæнын райдыдтой
Уæвæг информацийæ, æхсæнадæмон авикомпаниты хай, Æввахс Скæсæны айтынггонд фæзындты тыххæй, Ираны бæсты, Гуырдзыстоны уæлдæфон тыгъдадæй пайда кæнын райдыдтой.
«Азербайджан æмæ Туркменийы уылты къæлидоры змæлд бирæ активондæр у 9 январы сæумæрайсомы сахатты, уымæн æмæ бирæ авиакомпани нал пайда кæнынц Иракъы æмæ Ираны уæлдæфон тыгъдадæй», – фыст ис портал Flightradar24-ы ахæлиугонд информацийы.
Картæйыл зыны, цæмæй хæдтæхджытæ, Европæйы æрдæм тахты рæстæджы активонæй пайда кæнынц Гуырдзыстоны уæлдæфон тыгъдадæй дæр.
Æввахс Скæсæны фæзындты эскалацийы тыххæй, Иракъы æмæ Ираны арвы тæхыныл рæстæгмæ нæзагъд ракодтой ставд æхсæнадæмон авиакомпанитæ, сæ нымæцы сты Lufthansa, Air France, Singapore Airlines æмæ Qantas Airways.
Афтæма, знон Тегераны цур, «Украинайы авиахаххыты» хæдтæхæг баййæфта авиакатастрофæ, кæцы ахаста 176 адæймагы цард. Æрцæугæйы бæлвырд аххос нырма бæрæг нæу. Афтæма, Украинайы паддазахадон авиацион куыст, украинаг авиакомпанитæн, Иракъ æмæ Ираны уæлдæфон тыгъдады тæхын фæтобæ кодта. Тобæ 2020 азы 9 январæй бахызт йæ тыхмæ æмæ Украинайы регистрацигонд алы авиакомпанимæ.