Æххæсткæнынады националон бюройы нæ сæттынц информацийыл, цæрæнуатæй сыстын кæныны рæстæджы  цывзы спрейæ пайда кæныны фæдыл æмæ  хъусын кæнынц, цæмæй цывзы  спрей пырх кодтой  сæхæдæг  хæдзары  цæрджытæ
Æххæсткæнынады националон бюройы нæ сæттынц информацийыл, цæрæнуатæй сыстын кæныны рæстæджы цывзы спрейæ пайда кæныны фæдыл æмæ хъусын кæнынц, цæмæй цывзы спрей пырх кодтой сæхæдæг хæдзары цæрджытæ

Æххæсткæнынады  националон бюройы нæ сæттынц ахæлиугонд информацийыл, Кекелидзейы уынгыл  цæрæнуатæй сыстын кæныны  процессы рæстæджы цывзы спрейæ спайда кæныны фæдыл. Бюройы банысан кодтой, цæмæй  хæдзары цæрджытæ сæхæдæг  пырх кодтой  цывзы спрей барадхъахъъхæнджытыл æмæ æххæсткæнынады бюройы  минæвæрттыл.

Тбилисы, Кекелидзейы уынгыл  æххæсткæнынады националон бюро  цæрæнуатæй сыстын кæныны процедурæ уадзы. Уæвæг информацийæ,  хъуыддаг æххæссы  Марина Хатиашвилийы бинонтæ дарттой хæс пайдайыл æхца æфтсау дæттæгæй.

Æххæсткæнынады националон бюройы хъусын кæнынц, цæмæй фæнысангонд  хъуыддаг  бюромæ бацыд 2018 азы. Сæ дзырдæй,  зæгъгæ процедурæ ацы рæстæджы  дæргъы фондз хатты  уыд æргъæвд.  Параллелонæй, Кекелидзейы уынгыл   æмбæстæгтæ сты  æмбырд æмæ протест кæнынц  цæрæнуатæй сыстын кæнын.

Æмбæстæгтæ æххæсткæнынады пъæлицæйы сæрмагонд автомобил  дзæккорæй  базиан кодтой.  Фæнысангонды фæдыл  барадхъахъъæнджытæ цалдæр адæймагы æрцахстой.