Æххæсткæнынады националон бюро Дадианийы уынгыл, Какиашвили бинонты цæрæнуатæй арвыст аргъæвдта
Æххæсткæнынады националон бюро Тбилисы Цотнэ Дадианийы уынгыл Какиашвилиты биноты цæрæнуатæй сыстын кæнын аргъæвдта. Уый фæдыл информаци æххæсткæнынады националон бюройы пресскуыст сбæлвырд кодта.
Уагдоны куыд фехъусын кодтой афтæмæй бинонтæм лæвæрд уыд уæлæмхас æмгъуыд проблемæ алыг кæнынæн.
«Æххæсткæнынады националон бюро рахаста уынаффæ ахæца абоны цæрæнуатæй арвысты процесс, уымæн æмæ бинонтæ сты социалонæй æнæхъахъхъæд, уыдонæн афтæдæр ис дыууæ чысыл сывæллоны æмæ сæ хуыздæр интерестæм гæсгæйæ, æргъæвд æрцыд абоны процесс, афтæма бинонтæм лæвæрд уыд уæлæмхас æмгъуыд бадзырдтæ ауадзынæн», – райхъусын кодта æххæсткæнынады националон бюройы æхсæнадимæ ахастыты менеджер Паата Шамугиа.
Цотнэ Дадианийы уынгыл бинонты сыхæгтæ æмæ фарсхæцджытæ æрымбырд сты. Уыдон барикадæтæ сæвæрдтой кæрты.