Æфсæддон  гæстæ  хъайтарты мæдтæн   3 мартъи  раарфæ  кодтой
Æфсæддон гæстæ хъайтарты мæдтæн 3 мартъи раарфæ кодтой

Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады тыхты æфсæддæттæ  Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн тохы  фæмаруæвæг хæцджыты, афтæма сабырадон   мисситы  сæххæсты  рæстæджы фæмардуæвæг æфсæддæтты мæдтæн  3  мартъи  Мады  боны фæдыл раарфæ кодтой.

Хъахъхъæнынпды  министрады  информацийæ, æфсæддæттæ   фæмардуæвæг  хъайтарты   бинонтæм  Гуырдзыстоны масштабæй   алы  горæт æмæ   хъæутæм фæуазæг сты. Мады  бонмæ гæсгæ сын  дидингуытæ  бахастой  æмæ Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады  министры арфæйы   фыстæджытæ  адæттой.

Æфсæддæттæ  сæ æмтохгæнджыты сæруæлдайдзинад æмæ бæстæйы раз  сгуыхтдзинад ноджы  иу хатт æрымысыдысты.