Æфсæддон службæмæ æмбæстæгты фæззыгон асидт 2021 азы 2 августæй райдайдзæн æмæ 2021 азы 25 декабрмæ аххæсдзæнис.
Æмбæлгæ уагæвæрд закондæттæг уацхæссæгыл абон уыд публикацигонд, кæцыйы къух фыссы бæстæйы премьер-министр Ираклий Гъарибашвили.
Уагæвæрдмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрады æркуырдмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхтæм асидт, кæцы æмбæстæгтæм хауы уыдоны максималон нымæц 1400-æй сбæрæг ис, специалон пенитенцион куыстмæ 684 æй, мхм-ы æркуырдмæ гæсгæйæ, уагдоны æфсæддон æнæмæнг службæ кæндзæн 1395 æмбæстаг, паддзахадон хъахъъхæды специалон куыстмæ та – 200 æмбæстаг.
Æфсæддон æнæмæнг куыстмæ сидтон æмбæстæгты кар 18-æй 27 азы онг у, æмæ уыдон чидæриддæр Гуырдзыстоны закондæттынадæй бæрæг уагæй æфсæддон службæмæ асидты æмгъуыд ахæцыны кæнæ æфсæддон службæйæ суæгъд кæныны æркуырды бар уыдон.