Æддагполитикъон уагдон  дезинформацийæ хоны  уырыссаг медийы ахæлиугонд информаци,цæвиттон Белоруси, Абхаз æмæ Цхинвалы Регионы  банымады фæдыл  фарста кæсын райдыдта
Æддагполитикъон уагдон дезинформацийæ хоны уырыссаг медийы ахæлиугонд информаци,цæвиттон Белоруси, Абхаз æмæ Цхинвалы Регионы банымады фæдыл фарста кæсын райдыдта

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад, уырыссаг интернет-медиайы ахæлиугонд  информацийы, цæвиттон  Белоруси рывнæлдта  оккупацигонд Гуырдзыстоны территориты  банымады  процедурæтæм æххæст кæныны фæдыл, дезинформацийæ  схуыдта.

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн æддагполитикон уагдоны  куыд фехъусын кодтой  афтæмæй,  Белорусы Республикæйы Гуырдзыстоны минæварæн  уыдис  коммуникаиц Белорусы  фæсарæн хъуыддæгты министрады æмæ закъондæттæг  хицауады минæвæрттимæ  фæнысангонд фарсты фæдыл, кæцы рæстæджы дæр Белорусы  фарс ахæлиугонд информаци схуыдта мæнгæй  æмæ нæзагъд ракодта Белорусы хицауады æрдгæй оккупацигонд Гуырдзыстоны территориты хæдбарад банымады фæдыл фарстаты кастыл.

Бакой уын кæндзыстæм, уырыссаг интернет медиайы ахæлиу ис  информаци, цæвиттон  Белорусы  хицауад  æввахс фидæны  план кæны  Абхазы хæдбарад банымайын  æмæ æмбæлгæ законопроект, бавдыст у Белорусы парламентмæ.