ÆÆ «Гуырдзыстоны мелиорацийæ» 8 000 000 ларийы бæрц хæсджындзинад, кæцы 2012-2019 азты сæвзæрдис, æххæстæй ныххатыр кæндзысты 42 000 фермерæн
ÆÆ «Гуырдзыстоны мелиорацийæ» 8 000 000 ларийы бæрц хæсджындзинад, кæцы 2012-2019 азты сæвзæрдис, æххæстæй ныххатыр кæндзысты 42 000 фермерæн

Гуырдзыстоны æрдзы хъахъхъæды æмæ  хъæууон хæдзарады  министрады инициативæйæ  æмæ Гуырдзыстоны  хицауады  уынаффæйæ,  42 000  физикон  æмæ юридикъон уæнгæн  æххæстæй   хардзгондыл нымад æрцæудзæн  æнæххæстбар æхсæнад «Гуырдзыстоны мелиорацийæ» цы  8 000 000-ы онг ларийы  хæс дарынц   уый, кæцы  2012-2019 азты  хъæууон-хæдзарадон нысаниуæгы  зæххы фадугыты  мелиорацион лæггады фæстиуæгæн æрымбырд ис.

«Фæнысангонд хæсджындзинад  фермертæн ныххатыр кæндзысты автоматонæй.   Афтæма  42   минæй фылдæр  фермер  2020 азы  мелиорацион  лæггады  фидинагæй  ссæрибар уыдзысты, кæцы иу  гектарыл  75 ларийы онг  фидинаг дары йæ  хъуыдйы æмæ  æмтгæй райсгæйæ   фондз милуан   ларимæ хæццæ кæны.  Æххуыс нымад  у  алы  фермерыл, кæцы  фæлхас кæны иригацийы æмæ   дренажы  лæггадæй  10 гектары онг   зæххы  фæзуатыл.  Хурыскæсæн Гуырдзыстоны  иригацийы   аргъ  иу  гектарыл  у  75 лари, ныгуылæн Гуырдзыстоны – иу  гектарыл  – 45  лари,  дренаж  -40   лари. 10 Гектарæй фылдæр зæххы  фадыгы  цауы,   хицау  бафиддзæн   æрмæстдæр   уыцы  суммæ,  кæцы  уыдзæн  фæнысангонд  домæнтæй  хъауджы», –  райхъусын кодта  æрдзы  хъахъхъæды æмæ  хъæууон хæдзарады  министр.

Леван давиташвилийы  информацийæ,  фæнысангонд  уæлбарæй  спайда кæнынæн физикъон æмæ  юридикъон  уæнгтæ  хъуамæ   баххæст кæной   куырдиат   мелиорацион  лæггадыл,  кæцыйы  мидæг  фыст уыдзæн, цæмæй   цас  гектар  зæхх  сæм ис  æмæ   цы периоды  сæ хъæуы  фæнысангонд лæггад райсын.