Адвокаты информацийæ, Михеил Саакашвилийы уавæр фæфыддæри, фæлæ нæхæргæ протест дарддæр кæны
Михеил Саакашвилийы уавæр фæфыддæр дæр ис. Саакашвили æгхъæлмæ кæсы альтернативон консилиуммæ, кæцы бацæудзæн йæм, сисдзысты анализтæ æмæ бавдисдзысты анализты дзуаппытæ цæрынхъомады бæрæггæнæнтæ сты æви нæ бæрæг арæнæй ныллæгдæр – уый фæдыл райхъусын кодта экс-президент Михеил Саакашвилийы адвокат Гиорги Гелхаури.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Саакашвили моралонæй хъæлдзæг у, фæлæ цæрынхъомады бæрæггæнæнтæ йын фæмæллæг сты.
«Цæрынхъомады бæрæггæнæн абоны онг дохтыртæ фидар кодтой медикаментты фæрцы. Михеил Саакашвили хъусын кæны, цæмæй дарддæр кæны нæхæргæ протест, нæ хъавы хæринаг райсын, æнхъæлмæ кæсы дохтыртимæ фембæлдмæ. Æдыхдæр кæны, моралонæй хъæлдзæг у. Йæ æдыхдзинад фæбæрæги уымæй æмæ йын зын кæны физиконæй змæлын, срæсыдысты йын йæ къабæзтæ. Ахæм у йæ æнæниздзинады уавæр» – райхъусын кодта адвокат.