Адвокат - Бурчъуладзейы фæнды æвдисæндзырд раттын тæрхонгæнæгимæ иумæ
Адвокат -  Бурчъуладзейы фæнды æвдисæндзырд раттын тæрхонгæнæгимæ иумæ

Фонд «Иавнанайы»   бындурæвæргы  фæнды  æвдисæндзырд  ратта  тæрхонгæнæджы раз –  уый фæдыл  Фыццаг Каналæн фехъусын кодта  Паата Бурчъуладзейы адвокат.

Сосо Бараташвилийы  информацийæ,  Бурчъуладзе  ацы рæстæгмæ   Гуырдзыстоны  нæй  фæлæ йæ фæнды  законæй  лæвæрд  барæй  спайда кæна  æмæ  прокуратурæйы фæдæвзарæгы фарстытæн ратта дзуаппытæ  æрмæст тæрхонгæнæгимæ иумæ.

Адвокаты  информацийæ,   хæрзаудæн фонды   бындурæвæрæг цæттæ у,  ахæца  плангонд  концерттæ  æмæ æрцæуа Гуырдзыстонмæ,  фæлæ уый  гæнæн ис  декабры кæрон, кæнæ январы райдианы.

Бурчъуладзейы интересты хъахъхъæнæг дзуры,  цæмæй  уый фæдыл   хъуыддаджы  фæдæвзарæг информиргонд  у.  Фыццаг Канал  сæйраг прокуратурæмæ дæр адзырдта, фæлæ Паата  Бурчъуладзейы  æркуырды фæдыл,  фæдæвзарæг уагдоны   позици нырма  бæрæг нæу.

Паата Бурчъуладземæ  прокуратурæмæ æвдисæны статусæй  æрфарстмæ 13 декабры фæсидтысты.  Дзырдæуы  хæрзаудæн фонды  сæрмагонд  стыр  бæрцæй  суммæты  кусæн  æххæстбартæй фыдвæнд  спадайæ гæнæн хибаконд- бахардзы фактыл.

Хъуыддаджы равзарыны   æркуырдæй сæйраг прокуратурæмæ  басидтис  «Æвзонг  финансистты æмæ  бизнесменты  ассоциаци»  14  рухæны.