Адвокат – Бека Русиайы бинонтæ прокуратурæйæн видео æмæ фотоæрмæджытæ алæвæрдыл разы не сты
Цъаленджихайы муниципалитеты хъæу Мужавайы, хъахъæнæн бынатыл (постыл) фæмардуæвæг Бека Русиайы хъуыддагыл прокуратурæ фæд равзарынæн, бинонтæм уæвæг видео æмæ фотоæрмæджытæ адæттын куры.
Уый фæдыл Фыццаг Къаналæн фехъусын кодта Бека Русиайы бинонты адвокат.
Роланд Шониайы информацийæ, уый у ног аууæл, кæцы гæнæн ис бандава тæрхоны процессмæ.
Фæлæ адвокат куыд дзуры афтæмæй, Русиаты бинонтæ нæзагъд кæнынц, прокуратурæйæн фæнысангонд бæлвырдгæнæнты алæвæрдыл.
Адвокаты ныхæстæм гæсгæ, фæмардуæвæгы мадимæ фæныхас кодта фæдæвзарæг чидæр Къванчъиани зæгъгæ æмæ йын загъта, цæмæй Бека Русиайы телефоны мидæг уæвæг видео æмæ фото æрмæг ног хъуыддаджы равзарынæн сæ хъæуы, цæуылдæр бинонтæ не сразы сты..
«Кæд ацы æрмæджытæ мæ хъæбулы хъуыддагмæ æфтыд не æрцæудзысты, уæд сæ ндæр хъуыддаджы тыххæй нæ ратдзынæн» – хъусын кæны Бека Русиайы мад, кæд мидхъуыддгты министримæ кæнæ йæ хæдивæгимæ фембæлын куры.
Бека Русиайы мæлæты фактыл, тæрхоны процесс Зугдиды нысангонд у 30-æм январмæ.
Фæдæвзарæны информацийæ, Бека Русиайы сæмбæлд Д.ДЖ. посты хистæры А.К.-йы табелон æхсæнгарзæй цы фехста уыцы нæмыг. Хъуыддаг рæгъмæ хаст у æнæхизгæдзинадæй цæрæнбон скуынæг кæныны статийæ.