Адвокат бабæрæг кодта дыууæ адæймаджы, кæцытæ ахст сты контртеррористон операциты
Контртеррористон операциты фæлгæтты ахст дыууæ адæймаджы бабæрæг кодта адвокат. Адæймаджы барты хъахъхъæнæг Мевлуд Джанджгава куыд расидтис афтæмæй, ахстгондты аххосджын кæнынц уголовон кодексы 236 статьямæ гæсгæ, кæцы терроризмимæ баст нæу.
Адвокат хъусын кæны, цæмæй ахст адæймæгтæ сæхи аххосджыныл нæ нымайынц.
«Æз æххæстæй базонгæ дæн уголовон барады æрмæгимæ». Хъуыддаг тынг егъау нæу. Уыдон аххосджынгонд æрцыдысты 236-æм статьяйы 3-аг хаймæ гæсгæ, кæцыйы нысангонд у 3-6 азы ахæстоны фæбадын æнæ æндæр гæнæнæй. Сæхи аххосыл нæ нымайынц. Тæрхонгæнæджы уынаффæмæ гæсгæ æххæстгонд æрцыд линч. Ацы æрмæг æппындæр ницы бар дары терроризмимæ; «Терроризмимæ бастдзинадмæ цы хауы, хъуыдтагы æрмæджыты уый тыххæй ницы ис», – расидтис адвокат.
Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады куысты контртеррористон операциты фæлгæтты цæугæ оперативон архайдтыты æмæ фæдагурæн архайдтыты фæстиуæгæн, æнæхъæн бæстæйы масштабæй æмрæстæджы уагъд æрцыд цалдæр спецопераци, æмæ ахст æрцыдысты дыууæ хицæн адæймаджы.