Адам Кинзингер – Мах нæ фæнды Гуырдзыстоны хæстмæ бафтауын, уыцы информаци у зыбыты сайд
Ницы фæндон нæм ис Гуырдзыстоны хæстмæ бафтуын, уый у зыбыты мæнг – уый фæдыл социалон хызаджы АИШ-ы Конгрессы минæвæртты палатæйы уæнг Адам Кинзингер фыссы.
«Гуырдзыстоны ахæлиугонд дезинформацийы тыххæй нæ фæнды бæлвырд зæгъын: АИШ-ы фæнды цæмæй Украинайы хæст фæуы афтæ, æмæ Украина йæ территорийы иу сантиметрæй дæр ма фæхъуаг уа. Мах нæ фæнды Гуырдзыстоны хæстмæ бафтауын. Уый у зыбыты мæнгдзинад» – фыссы америкаг конгрессмен «Твиттеры».