Адæмон хъахъхъæнæджы бынатмæ кандидаттæм хъусын парламенты райсом райдайдзысты
Адæмон хъахъхъæнæджы бынатмæ кандидаттæм хъусын парламенты райсом райдайдзысты

Адæмон  барты  хъахъхъæнджытæм кандидаттæм  байхъусын   парламенты  райдайдзæн райсомæй.  Фембæлды адæймаджы барты  хъахъхъæды æмæ   æмбæстагон  интеграцийы  комитеты  ацæудзæн. Уый фæдыл   парламенты бюройы   рабадтыл фæуынаффæ кодтой.

Бюройы рабадтыл   парламентон  фылдæрты уæнг  Михеил Сарджвеладзе   куыд райхъусын кодта афтæмæй,   адæймаджы барты  хъахъхъæды æмæ  æмбæстагон интеграцийы  комитет, адæмон барты хъахъхъæнджытæм  19  кандидатмæ  байхъусдзæн   сабат хынцгæйæ.

«Кандидатурæтæм хъусын   райдайдзæн райсомæй, график  арызт у. Фæныхас кæндзыстæм, уыдзæнис нæм фадат, аргъ скæнæм,  рахæссæм уынаффæтæ æмæ  уымæ гæсгæйæ,  иннæ  къуырийы, пленарон   рабадтмæ дæр бацæттæ уæм. Ахæм  уыдзæн нæ план», –   загъта Сарджвеладзе.